Общество
Ираклий Къобахидзе: 1000-æй фылдæр æфсæддонæн ног арызт корпусты лæвæрд уыдзæн цæрæн фæзуаттæ

 Грузия, 12 декабря, ГРУЗИНФОРМ. 1000-æй фылдæр   æфсæддон архайæгæн   ногарыст корпусты цæрæн фæзуаттæ уыдзæн лæвæрд – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер0министр, Ираклий Къобахидзе   хицауад рабадтыл райхъусын кодта.

Премьеры дзырдæй, уый тыххæй бюджеты æмбæлон суммæтæ иннæ азæй дæр уыдзæн рагхыгъдгонд.

«Гуырдзиаг æфсадыл аудын у Гуырдзыстоны хицауады сæрмагонд приоритет æмæ ацы æрдгæй   сæрмагонд нысаниуæг цæуы олæвæрд   нæ æфсæддæттæн аргъ скæнынæн. Ацы   æрдгæй иттæг нысаниуæгджын программæ, 1000-æй фылдæр æфсæддонæн лæвæрд уыдзæн цæрæн фæзуат ногарызт корпусты. Бузныг хъахъхъæнынады министрадæн, хъахъхъæнынады министрæн, уый тыххæй, цæмæй ацы программæ æнтыстджынæй   бахæццæ ис кæронмæ.   Программæ   хъуамæ адарддæр уа, æмæ мæн фæнды   хъахъхъанынады министрæй ракурон, цæмæй ноджы фылдæр æфсæддонæн уа лæвæрд хæдзæрттæ ног арызт корпусты. Бюджеты æмбæлгæ суммæтæ   уыдзæн рагхыгъдгонд   фидæн азæй дæр», – рахйъусын кодта премьер.